Full screen

Share

Show pages

Гæбæраты Алинæ
ТÆРХЪУС 
ÆМÆ 
НЫМÆЦТÆ 
Want to create interactive content? It’s easy in Genially!

Over 30 million people create interactive content in Genially

Check out what others have designed:

Transcript

Гæбæраты Алинæ

ТÆРХЪУС ÆМÆ НЫМÆЦТÆ

Æфтауын æмæ æппарын

Дзырдуат

Аргъау «Мæгуыр тæрхъус»

Нымæцты нæмттæ

Нымæцты зарæг

СÆРГÆНДТÆ

Сахуыр кæнæм нымæцтæ иумæ! Ныххæц мигъыл æмæ ccар нымæцтæ, кæцытæ сты стъалыты фæстæ æмбæхст

Аргъау

МÆГУЫР ТÆРХЪУС

Баххуыс кæн тæрхъусæн уырыдзытæ банымайын æмæ сæ чыргъæды сывæрын

Тæрxъус бацыд цæхæрадонмæ æмæ дзы йæхицæн уырыдзытæ скъахта. Куыйтæй тарст æмæ хæрын нæ райдыдта. Хъæдмæ сæ ахæссын æмæ уым бахæрынванд скодта.

Фæхæссы тæрхъус уырыдзытæ хъæдмæ, сæ уæзæй ныггубыр, афтæмæй. Æвиппайды йæ размæ фæци арс.

Мa мæ бахæр, арс, æз дын уырыдзытæ ратдзынæн.

Нал мын aирвæздынæ! Ныртæккæ дæ хæргæ кæндзынæн.

Арс бакаст тæрхъусмæ.

Цы мæм ис, уыдоны æмбис дын ратдзынæн.

Бирæ мын ратдзынæ?

Зын у тæрхъусæн, фæлæ хуыздæр гæнæн нæй. Радта aрсæн урыдзыты æмбис æмæ ма ноджыдæр иу уырыдзыйы æрдæг. Ауагьта йæ арс.

Радт арсæн уырыдзыты æмбис æмæ ма ноджыдæр иу уырыдзыйы æрдæг.

Æмбис мын чысыл у, кæсыс, æз дынджыр дæн, ды та къаннаг дæ. Куыд хъуамæ байуарæм уырыдзытæ æмхуызон, дыууæ æмбисыл? Æмбисæй мын фылдæр ратт.

Ауадз мæ, рувас, æз дын уырыдзытæ ратдзынæн.

Нал мын аирвæздзынæ, тæрхъус! Рагæй дæм æнхъæлмæ кæсын, ныртæккæ дæ хæргæ кæнын.

Згъоры тæрхъус пыхсыты, тагъд каны хьæдмæ. Æвиппайды йæ размæ рагæпп кодта кæцæйдæр рувас.

Цы мæм ис, уыдоны æмбис айс, рувас, æмбис та мын мæхицæн ныууадз.

Бирæ мын ратдзынæ?

Рувас бакаст тæрхъусмæ.

Æмбис мын чысыл у мæнæн, æз дынджыр дæн, ды та къаннæг дæ! Уырыдзытæ нын æмхуызон уарæн нæй. Æмбисæй фылдæр æри мæнæн.

Зын уыд тæрхъусæн, фæлæ хуыздæр гæнæн ницы уыд. Радта уырыдзыты æмбис рувасæн, стæй ма йын уымæй уæлдай радта иу уырыдзыйы æмбис. Ауагъта йæ рувас дæр.

Радт рувасæн уырыдзыты æмбис æмæ ма ноджыдæр иу уырыдзыйы æрдæг.

Мæгуыр тæрхъус дæн æз. Бафхæрдтой мæ сырдтæ, æрмæст иунæг уырыдзы ма мæм ныууагьтой!

Йæ хæдзары фæмидæг тæрхъус, йæ хуыккомы бабырыд æмæ ныккуыдта.

КÆРОН

бафхæрын - обидеть, оскорбить

Дзырдуат

пыхсытæ - кусты кæцæйдæр - откуда-то хуыкком - берлога, нора къаннаг - маленький

уырыдзы - морковь куыйтæй - собаки æвиппайды - внезапно æмбис / æрдæг - половина

Ныххæц мигъыл æмæ байхъус ногæй нымацтæм

Ныр та дæ рад у. Ныххæц мигъыл æмæ райдай æфтауын æмæ æппарын

Мæгуыр Тæрхъус (адæмон аргъау) Чиныджы æмæ хъæзтыты автор : Гæбæраты Алинæ - лингвист, французаг æвзаджы ахуыргæнæг Корректор : Мæхъиты Зæринæ - филолог, ирон æвзаджы ахуыргæнæг Нывтæ: Гæбæраты Алинæ Видео: Frank Animation æмæ Ногдзау - https://youtu.be/0Mw3JSKSnnE?si=lQy3b0m0cFZc4kzK Лион, Франц 2024

Next page

genially options